8 Хъотырӕй рынчын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд сауджын левиттӕ цы зӕгъой, уый-иу бӕстон сӕххӕст кӕн, Ӕз сын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ кӕн.
Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».
Фӕлӕ та тӕпп ногӕй дарӕсыл, хъуымацыл кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл куы фӕзына, уӕд хӕлиу кӕны, ӕмӕ хъуынахӕрд дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд.
Сауджын фиддоны нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.
«Мӕнӕ, йӕ хъотырӕй чи сдзӕбӕх вӕййы, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Сауджынмӕ-иу ӕй ӕрбакӕнӕнт:
Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
«Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».
Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ сӕнӕниз сты.
Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».