Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Исчи йе ’фсымӕртӕй, израилӕгтӕй, искӕй куы адава, йӕхицӕн дзы цагъар куы скӕна кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, ӕмӕ уый куы сбӕрӕг уа, уӕд уыцы адӕймагӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй: фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:7
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сидзӕрӕн акӕнынц йӕ хӕрӕджы, идӕдзы гал цъындыйы байсынц.


Дзидзидай сидзӕры йӕ мады риуӕй ратонынц, хӕсты ныхмӕ мӕгуыр адӕмӕн сӕ сабиты байсынц цъынды.


Искӕй чи адава ӕмӕ йӕ чи ауӕй кӕна, науӕд давд адӕймаджы кӕмӕ ссарой, уый хъуамӕ мард ӕрцӕуа.


Йаван, Тувал ӕмӕ Мешехы цӕрджытӕ базар кодтой демӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ цагъарты, стӕй се ’рхуы мигӕнӕнтӕ.


Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,


Сӕ къух ӕм хъуамӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕ сисой, уый фӕстӕ та — адӕм. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


уӕд ын, йе ’фсымӕрӕн цы бакӕнынмӕ хъавыд, уый йӕхицӕн бакӕнут. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Ӕрмгуырой цъынды райсӕн нӕй, уый искӕмӕн йӕ уд цъынды райсынӕй уӕлдай нӕу.


хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.


корицӕ, хъацӕнтӕ, буд ӕмӕ миррӕ, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ — адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ