Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 фӕлӕ та йӕ дыккаг лӕгӕн дӕр ӕнӕуынон куы суа, ӕмӕ та йӕ уый дӕр ахицӕны гӕххӕттимӕ йӕ хӕдзарӕй куы рарвита, кӕнӕ та, дыккаг хатт кӕмӕ смой кодта, уыцы лӕг куы амӕла,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:3
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Израилы чызджы, сайдӕй рацӕуӕджы, Ӕз йӕ хъахбай миты тыххӕй куы арвыстон ӕмӕ йын уагъды ӕвдисӕндар куы радтон, уӕд федтон, йӕ мӕнгард хо Иудей кӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ уый дӕр ӕнӕуаг митыл кӕй бафтыд.


Афтӕ дӕр ма загъд уыди: «Йӕ усы чи ауадза, уый йын ахицӕны гӕххӕтт раттӕд».


Уыдон загътой: «Моисей бар радта лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт ныффыссӕд».


Ус ӕркодтай, йемӕ бацардтӕ, фӕлӕ йӕм цыдӕр аипп ссардтай, ӕмӕ дын уыйадыл сӕнад ис, зӕгъгӕ, уӕд ахицӕны гӕххӕтт ныффысс, ратт ын ӕй ӕмӕ йӕ дӕ хӕдзарӕй арвит.


Дӕ хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой скӕна,


уӕд йӕ фыццаг лӕгӕн фӕстӕмӕ йемӕ бацӕрӕн нӕй: ӕндӕр лӕджы ус кӕй уыди, уымӕй йӕхи фӕчъизи кодта. Уыцы хъуыддаг ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх уӕ тӕригъӕдтӕй ма фӕчъизи кӕнут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ