22 Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз адӕттӕ.
«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!
Ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, уый дӕ рох ма уӕд. Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕу ссӕрибар кодта. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз уыдӕттӕ.
Дӕ сӕнӕфсир куы ӕфснайай, уӕд ӕй фӕстаг гагайы онг ма ныттон: ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ ма дзы сидзӕргӕсӕн дӕр исты фӕуадз.
Исчи искӕимӕ фӕбыцӕу ис, зӕгъгӕ, уӕд сӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын хъӕуы: уадз ӕмӕ хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ рабӕрӕг уа, раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый.
Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.