Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Хуымгӕрдӕнты афон дын быдыры куырис куы аззайа, уӕд ӕм фӕстӕмӕ ма здӕх — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр кӕнӕ сидзӕргӕсы хай фӕуа. Уыйхыгъд дӕуӕн та дӕ къухты фӕллой арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:19
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.


ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!


Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.


Ӕууӕнкджын лӕгӕн та йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты. Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.


Уӕ тыллӕг куы ӕфснайат, уӕд-иу уӕ хуымты кӕрӕттӕ ма ныккӕрдут, тыллӕгӕй ма хуымы цы ’фсиртӕ баззайа, уыдон дӕр ма ӕруидзут, мӕгуыр ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕн сӕ ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Иууылбӕрзонды хъӕбултӕ — Уый ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсы.


Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».


Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр.


Ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, уый дӕ рох ма уӕд. Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕу ссӕрибар кодта. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз уыдӕттӕ.


уӕд зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Рахицӕн кодтон мӕ хӕдзарӕй уаз хай ӕмӕ йӕ, Ды мын куыд бафӕдзӕхстай, афтӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн радтон. Дӕ фӕдзӕхстытӕй иу дӕр нӕ ферох кодтон, иуы сӕрты дӕр дзы нӕ ахызтӕн.


дӕстӕгӕй дӕр ын-иу аппарут ӕмӕ-иу дзы фӕуадзут, уадз ӕмӕ уидза, стӕй йӕ ма ӕфхӕрут».


Моаваг Руф загъта Наомийӕн: «Уӕд та хуыммӕ фӕцӕуин. Кӕд мӕм исчи дзӕбӕх цӕстӕй ракӕса, уӕд йӕ фӕстӕ ӕфсиртӕ уидздзынӕн». Наоми йын дзуапп радта: «Фӕцу, мӕ къона».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ