Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, уый дӕ рох ма уӕд. Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕу ссӕрибар кодта. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз уыдӕттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:18
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.


Уӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй чи цӕра, уыдоны-иу ма ӕфхӕрут.


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.


Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау.


Ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ сидзӕры бартӕ дӕ къӕхты бын ма ссӕнд, сидзӕргӕсӕн йӕ дарӕс цъынды ма ис.


Хуымгӕрдӕнты афон дын быдыры куырис куы аззайа, уӕд ӕм фӕстӕмӕ ма здӕх — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр кӕнӕ сидзӕргӕсы хай фӕуа. Уыйхыгъд дӕуӕн та дӕ къухты фӕллой арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз адӕттӕ.


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ