16 Йӕ фырты азымы тыххӕй фыды марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй — фырты: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла.
Сӕ цоты сын нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы Дунедарӕг фӕдзӕхсы: «Цоты азымы тыххӕй фыдӕлтӕн марӕн нӕй, цотӕн та — фыдӕлты азымы тыххӕй. Алкӕй дӕр марын хъӕуы йӕхи фыдракӕнды аххосӕй».
Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.
Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.
Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.
Фӕлӕ Корахы фырттӕ нӕ бабын сты.
Паддзах ын загъта: «Ӕнӕ амӕлгӕ нӕй, Ахимелех, дӕуӕн дӕр ӕмӕ де ’ппӕт хӕстӕджытӕн дӕр».