Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Де ’фсымӕртӕй дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕй дӕр дӕ бӕстӕ, дӕ сахарты ӕххуырст, цыбыркъух ӕмӕ мӕгуыргурӕй чи ис, уыдоны ма ӕфхӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:14
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.


Мӕгуыр лӕджы ’фхӕргӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, хъӕздыгӕн та лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис.


Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.


Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.


Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.


Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»


Байхъусут, мӕгуырты ’фхӕрджытӕ, се сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон!


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕйы сахартӕй искӕцыйы де ’фсымӕртӕй исчи мӕгуыр у, зӕгъгӕ, уӕд дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ йын йӕ размӕ афтид арм ма дар.


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт» ӕмӕ: «Алы кусӕг дӕр мызды аккаг у».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ