10 Искӕмӕн ӕфстау исты раттай, зӕгъгӕ, уӕд ӕм цъынды райсыны тыххӕй йӕ хӕдзармӕ ма бацу.
Ды ницӕй тыххӕй дӕр де ’фсымӕртӕй цъынды домдтай, бӕгънӕгӕн-иу йӕ фӕстаг бызгъуыр дӕр раластай йӕ уӕлӕйӕ.
Дӕ хионы пӕлӕз цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй хурныгуылдмӕ фӕстӕмӕ ратт,
уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.
Дзагармӕй ӕрбалӕуу дӕ тыхст ӕфсымӕры фарсмӕ ӕмӕ йын, хъуаг цӕмӕй ӕййафы, уый ратт ӕфстау.
Дуармӕ йӕм банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын цъынды уырдӕм рахӕсдзӕн.