Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ус ӕркодтай, йемӕ бацардтӕ, фӕлӕ йӕм цыдӕр аипп ссардтай, ӕмӕ дын уыйадыл сӕнад ис, зӕгъгӕ, уӕд ахицӕны гӕххӕтт ныффысс, ратт ын ӕй ӕмӕ йӕ дӕ хӕдзарӕй арвит.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 24:1
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хицау ӕй йӕхӕдӕг куы ракура ӕмӕ ма фӕстӕдӕр ӕндӕр ус дӕр куы ’рхӕсса, уӕд йӕ фыццаг усы хӕрд ӕмӕ дарӕсӕй ма фӕцух кӕнӕд, ма йӕ фенӕхай кӕнӕд бинойнаджы бартӕй дӕр.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Лӕг йӕ бинойнаджы куы ауадза ӕмӕ уый ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд ма йӕм йӕ фыццаг лӕг раздӕхдзӕн? Ӕмӕ ахӕм хъуыддаг цы зӕххыл ӕрцӕуа, уый ӕгасӕй дӕр нӕ фӕчъизи уыдзӕн? Дӕуӕн та хӕзгултӕ бирӕ уыди, фӕлӕ Мӕм раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. —


Израилы чызджы, сайдӕй рацӕуӕджы, Ӕз йӕ хъахбай миты тыххӕй куы арвыстон ӕмӕ йын уагъды ӕвдисӕндар куы радтон, уӕд федтон, йӕ мӕнгард хо Иудей кӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ уый дӕр ӕнӕуаг митыл кӕй бафтыд.


Усы ауагъд мын ӕнӕуынон у, уый, адӕймаг йӕхи тыхмийӕ куы сӕгад кӕна, уымӕй уӕлдай нӕу, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Хъахъхъӕнут уӕ удтӕ ӕмӕ, гадзрахатӕй чи рацӕуы, ахӕмтӕ ма ут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: мӕнӕ сын цы гӕнгӕ у, искӕуыл дзы йӕ ус гадзрахатӕй куы рацӕуа — куы йӕ фӕсайа —


Кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта ӕмӕ сыгъдӕг у, уӕд ӕй дон ницы бахъыгдардзӕн, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕуыдзӕн.


Йӕ мойаг Йосифы, раст адӕймаг куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндыди Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын ӕмӕ хъавыди, се ’хсӕн цы фидыд уыд, уый ӕнӕ иу ӕвдисӕнӕй фехалын.


Йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. Йӕ мойӕ чи ахицӕн ис, уыцы усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.


Дыууӕ усы кӕмӕн уа, сӕ иу — уарзон, иннӕ та — нӕ, уымӕн сӕ дыууӕ дӕр лӕппутӕ ныййардтой, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу хистӕр зӕнӕг у, зӕгъгӕ,


Ус куы ӕрхӕссай, йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуай, ӕмӕ дын стӕй ӕнӕуынон куы суа,


Сӕдӕ ӕвзист шекелы хъуамӕ бафида йӕ каисӕн, израилаг чызгӕн йе ’взӕры кой кӕй айхъуысын кодта, уый тыххӕй. Сылгоймагимӕ та цӕргӕйӕ баззайдзӕн, йемӕ ахицӕн уӕвыны бар ын нӕй.


уӕд ӕрыгон чызджы фыдӕн хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, чызджы та ракура, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта, ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йемӕ цӕргӕ у.


Дӕ хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой скӕна,


фӕлӕ та йӕ дыккаг лӕгӕн дӕр ӕнӕуынон куы суа, ӕмӕ та йӕ уый дӕр ахицӕны гӕххӕттимӕ йӕ хӕдзарӕй куы рарвита, кӕнӕ та, дыккаг хатт кӕмӕ смой кодта, уыцы лӕг куы амӕла,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ