6 Уымӕ гӕсгӕ сын цӕргӕбонты хорзӕй мацы ракӕнут.
Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ хырхытӕ, ӕфсӕйнаг къахӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Батардта сӕ агуыридур аразынмӕ. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн дӕр. Уый фӕстӕ йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт.
Кӕд Дунедарӕг ӕркӕсид, къӕхты бын мӕ куыд кӕнынц, уымӕ, ӕмӕ мын абоны ӕлгъыст хорзӕн фӕкӕнид».
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, сӕ чызджыты та сын уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыцы зӕххыл цӕмӕй ӕрфидар уат ӕмӕ уын йӕ хорзӕхтӕй хай уа, цӕмӕй йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕйы исбонӕн ныууадзат, уый тыххӕй уӕ уымы адӕмы сӕр ничердӕм хъӕуы“.
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».
Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!
Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.