Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын ӕй Уый нӕ ныббардзӕн, тӕригъӕд дын фидгӕ уыдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:21
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куынӕ уадза,


Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.


Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.


Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.


О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!


Хуыцау — мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ кад, мӕ фидар къӕдзӕх, ме ’мбӕхсӕн.


Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».


Мӕ маст рафыцдзӕн, ӕмӕ уӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, ӕмӕ уӕ устытӕ идӕдзӕй баззайдзысты, уӕ сабитӕ — сидзӕрӕй.


пайда райсыны охыл ӕфстау чи нӕ ратты, фӕлывд ми бакӕнынӕй йӕхи чи хизы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн раст тӕрхон чи хӕссы,


Денджызонтыл стыр тас бахӕцыди Дунедарӕджы раз, ӕмӕ нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, ард Ын бахордтой.


Ницӕйаг мӕнг хуыцӕуттӕн кад чи кӕны, уыдон ӕнӕхай фесты хорзӕхӕй, сӕ бон райсын кӕй уыди, уымӕй.


Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.


Сымах фехъуыстат, уӕ рагфыдӕлтӕн афтӕ загъд кӕй уыди: «Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн».


Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Ӕрцӕуӕггаджы, дӕ бон у, ӕмӕ дӕ хӕсы тыххӕй батыхсын кӕнай, фӕлӕ йӕ де ’фсымӕрӕн ныббар.


Хӕтаг сылы ӕфтиаг дӕр ӕмӕ куыдзы аргъ дӕр мацы сомымӕ гӕсгӕ бахӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕ дыууӕ дӕр ӕлгъаг сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.


Дзырд куынӕ раттай, уӕд та дыл ницы тӕригъӕд уыдзӕн.


Афтӕмӕй Ионатан фидыд сарӕзта Давиды хӕдзаримӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг Давиды знӕгты бафхӕрӕд!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ