Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕндӕр искӕмӕй, дӕ бон у, исай уӕлӕмхасӕн ӕфтиаг, фӕлӕ дӕхи ’фсымӕрӕй ма ис, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уа дӕ къухвӕллойӕ алцыдӕр, кӕдӕм раст кӕныс ӕмӕ дӕхи кӕй бакӕндзынӕ, уыцы бӕстӕйы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:20
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныссагъӕс кодтон ӕмӕ азымы ныхӕстӕ ныккалдтон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттыл. Загътон сын, сымах, зӕгъын, уе ’фсымӕртӕн сӕ хӕс уӕлдайджынтӕй фидын кӕнут. Сӕ ныхмӕ дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд кодтон.


Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.


Мӕ маст рафыцдзӕн, ӕмӕ уӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, ӕмӕ уӕ устытӕ идӕдзӕй баззайдзысты, уӕ сабитӕ — сидзӕрӕй.


Мӕ адӕмы мӕгуыртӕй искӕмӕн ӕвзист ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй фылдӕрӕй, пайдайыл дӕттӕгау, ма бацагур.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.


Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.


Иу у сӕ хъысмӕт се ’ппӕтӕн дӕр: сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн, барджынтӕ ӕмӕ дӕлдӕртӕн, ӕхсинтӕ ӕмӕ унӕуттӕн, уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн, цъынды чи дӕтты ӕмӕ хӕс чи дары, уыдонӕн, пайдайы охыл ӕфстау дӕтджытӕ ӕмӕ ӕфстау исджытӕн.


пайда райсыны охыл ӕфстау чи нӕ ратты, фӕлывд ми бакӕнынӕй йӕхи чи хизы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн раст тӕрхон чи хӕссы,


Пайдайы охыл дзы мацы ис, тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Уадз ӕмӕ де ’фсымӕр дӕ разы цӕра.


Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут. Уӕ сахары чи ӕрцард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн-иу ӕй раттут, уыдон ӕй хӕрӕнт, науӕд-иу ӕй ауӕй кӕнут ӕцӕгӕлӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сымах уаз адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Ма фыц сӕныччы мард йӕ мады ӕхсыры.


Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр.


Ӕрцӕуӕггаджы, дӕ бон у, ӕмӕ дӕ хӕсы тыххӕй батыхсын кӕнай, фӕлӕ йӕ де ’фсымӕрӕн ныббар.


Байгом кӕндзӕн Дунедарӕг сымахӕн Йӕ фарны хӕзнадон — арв, ӕмӕ афоныл уардзӕн къӕвда уӕ зӕххыл, ӕмӕ арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй уӕ алы къухвӕллой. Бирӕ адӕмтӕн дӕтдзыстут ӕфстау, фӕлӕ уӕхӕдӕг хӕсагур никӕмӕ цӕудзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ