2 Дзӕгъӕлзадӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй, йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр нӕй бацӕуӕн Дунедарӕджы размӕ, суанг дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр.
Дунедарӕджы адӕмы ’хсӕн чи ӕрцард ӕмӕ семӕ чи баиу, уыцы ӕцӕгӕлӕттӕй мачи зӕгъӕд, Дунедарӕг мӕ Йӕ адӕмы ’хсӕнӕй асуринаг у, зӕгъгӕ! Сахъат евнухтӕй дӕр мачи дзурӕд, уый мӕнӕ хуыскъ бӕласы къуыдыр йеддӕмӕ, куы ницы дӕн, зӕгъгӕ!
Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!
нӕдӕр къуыпсин, нӕдӕр дӕлӕмӕдзыд, нӕдӕр урсцӕст, нӕдӕр хӕлмагджын, нӕдӕр уыдырнджын, нӕдӕр дзӕдӕл.
Ашдоды ӕрцӕрдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ, Ӕз бассӕнддзынӕн сӕрыстыр филистимӕгты.
Фӕлӕ сымах уӕ фыды хъуыддӕгтӕ кӕнут». Уыдон Ын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад не стӕм. Иу Фыд нын ис — Хуыцау».
Йӕ мӕхстӕттӕ хъыгдард кӕмӕн сты кӕнӕ йе ’рдон буар кӕмӕн ралыг чындӕуыд, уыцы нӕлгоймагӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй.
Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр,
Ӕппӕт хъӕбулты куыд бафхӕрдӕуы, кӕд ахӕм ӕфхӕрд не ’ййафут, уӕд сымах ӕцӕг хъӕбултӕ нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ стут.