Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Израилаг сылыстӕгӕй хъахбай мачи уӕд, израилаг нӕлгоймӕгтӕй кувӕндоны хъахбай мачи уӕд!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:17
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕзындис сӕм дины хъахбай лӕгтӕ дӕр ӕмӕ, Дунедарӕг кӕддӕр Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕппӕт ӕлгъаг митӕ фӕзмын байдыдтой.


Йӕ зӕххӕй фӕсырдта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, аппӕрста, йӕ фыдӕлтӕ цы хуыцаугӕндтӕ скодтой, уыдон.


Иосафат ныццагъта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, Йӕ фыд Асайы заманӕй ма чи баззади, уыдоны.


Хъахбайтӕ кӕм цардысты ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Ашерӕйӕн дарӕстӕ кӕм уӕфтой — Кувӕндоны кӕрты цы агъуыстытӕ уыд, уыдоны дӕр фехалын кодта.


Ӕвзонгӕй амӕлынц кувӕндоны хъахбайтау.


Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй, моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,


Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се ’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц.


Ма фӕчъизи кӕн дӕ чызджы — хӕтыныл ӕй ма бафтау, науӕд зӕхх фӕчъизи уыдзӕн хъахбайдзинадӕй ӕмӕ байдзаг уыдзӕн ӕлгъаг мийӕ.


Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,


уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


уӕд ӕрыгон чызджы фыдӕн хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, чызджы та ракура, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта, ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йемӕ цӕргӕ у.


хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.


Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ