16 Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн, уӕ сахартӕй иуы, кӕм ӕй фӕнда, уым цӕра. Ма йӕ ’фхӕрут.
Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар, ма ’фхӕр, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.
Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр. Сымах зонут, ӕцӕгӕлон зӕххыл цӕрын куыд зын у, уый: уӕхӕдӕг дӕр Мысыры ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.
Мӕгуыр лӕджы, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй ма бастигъ, кулдуары раз ма бафхӕр гӕвзыччы,
ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,
сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?