Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Искӕй цагъар йӕ хицауӕй сымахмӕ йӕ сӕр куы бафснайа, уӕд ӕй йӕ хицауӕн ма схъӕр кӕнут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:15
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.


Ӕз уе ’хсӕн цӕрдзынӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та уыдзыстут Мӕ адӕм.


Йӕ лидзджыты марыны охыл, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты лӕууын, бӕллӕхы бон дзы чи аирвӕзт, уыдоны се знӕгты къухмӕ дӕттын не ’мбӕлди дӕуӕн.


Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.


Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй сӕ арвитут, цӕмӕй ма чъизи кӕной рӕсӕнуат, уымӕн ӕмӕ Ӕз семӕ дӕн рӕсӕнуаты».


Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн, уӕ сахартӕй иуы, кӕм ӕй фӕнда, уым цӕра. Ма йӕ ’фхӕрут.


Давид ӕй бафарста: «Уыцы абырджытӕм мӕ фӕхӕццӕ кӕндзынӕ?» Уый йын загъта: «Хуыцауӕй мын ард бахӕр, кӕй мӕ нӕ амардзынӕ, ме ’лдары къухтӕм дӕр мӕ кӕй нӕ ратдзынӕ, уый тыххӕй, ӕмӕ дӕ ӕз уыдоныл сӕмбӕлын кӕндзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ