Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, рӕсӕнуаты ис уемӕ, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна, ӕмӕ уе знӕгтыл уӕлахиз кӕнат. Уымӕ гӕсгӕ уӕ рӕсӕнуат сыгъдӕг хъуамӕ уа, цӕмӕй уын уӕ худинаг ма фена ӕмӕ уыл Йӕхи ма атигъ кӕна.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 23:14
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Изӕры уддзӕф куы ӕрбадымдта, уӕд хъусынц, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау дыргъдоны рацӕуы. Адам ӕмӕ йӕ ус бӕлӕсты фӕстӕ амбӕхстысты.


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.


Ӕз уе ’хсӕн цӕрдзынӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та уыдзыстут Мӕ адӕм.


Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Хӕцӕнгарзӕй уӕлдай ма уӕ алкӕмӕ дӕр хъуамӕ уа бел дӕр, цӕмӕй, ӕддӕмӕ куы ацӕуай, уӕд уый фӕстӕ дзыхъхъ скъахай ӕмӕ дӕ фаджыстӕ уым баныгӕнай.


Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ