11 изӕрӕрдӕм хъуамӕ йӕхи ӕрӕхса, ӕмӕ йын хурныгуылды фӕстӕ рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн уыдзӕн.
Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.
Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.
Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.
Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе ’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, йӕ къухтӕ нӕ цӕхсадта, афтӕмӕй кӕуыл бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый йӕ низӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, стӕй-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд суадоны доны, ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг.
Нӕлгоймагӕн йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй куы акӕла, уӕд-иу йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй цӕхсӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.
Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.
Исчи уӕ ӕхсӕвы йӕхи фӕчъизи кодта, зӕгъгӕ, уӕд рӕсӕнуатӕй рацӕуӕд ӕмӕ фӕстӕмӕ ма баздӕхӕд —
Рӕсӕнуаты ӕдде уын, уӕхи хъуыдыйы кӕдӕм цӕуат, ахӕм бынат хъуамӕ уа.
ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.
Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын. Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы —
ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,