7 Мады уадз, йӕ лӕппынты та йын рахӕсс, цӕмӕй дын хорз уа ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай.
Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.
Хъуг кӕнӕ фысы йӕ род кӕнӕ йӕ уӕрыккимӕ уыцы иу бон ма ӕргӕвдут.
Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай.
Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.