3 Афтӕ-иу бакӕн искӕй хӕрӕг, искӕй дарӕс, стӕй искӕй дзаумайӕ цыдӕриддӕр ссарай, уыдонӕн дӕр. Сӕ рӕзты макуы ацу!
Де ’фсымӕры дзӕгъӕл стур кӕнӕ лыстӕг фосыл куы бамбӕлай, уӕд ӕй уым ма ныууадз — йӕ хицауыл ӕй сӕмбӕлын кӕн.
Кӕд ӕмӕ фосы хицау дард цӕры кӕнӕ, кӕй сты, уый нӕ зоныс, уӕд та уал сӕ, цалынмӕ сӕ хицау фӕзына, уӕдмӕ дӕ хӕдзармӕ бакӕн.
Фӕндагыл искӕмӕн йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал бастад ӕмӕ ӕрхауд, зӕгъгӕ, уӕд йӕ иувӕрсты ма ахиз — йӕ хицауӕн ын феххуыс кӕн, ӕмӕ йӕ иумӕ слӕууын кӕнут йӕ къӕхтыл.