23 Куырдуаты бадӕг ӕнӕрцӕф чызгыл сахары ӕндӕр нӕлгоймаг амбӕлд ӕмӕ йын батых кодта, зӕгъгӕ,
Искӕй усаг чи у, ахӕм цагъар сылгоймаджы йӕ мойаг нӕма балхӕдта, йӕ хицау дӕр ӕй нӕма ссӕрибар кодта, афтӕмӕй исчи йемӕ ӕмуат ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕлгоймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафӕд. Марын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг сӕрибар нӕу.
Кӕд уӕ исчи фидыд у, фӕлӕ йӕ къайаджы нӕма ӕрхуыдта, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын йӕ усаджы ӕндӕр исчи куы ракура“.
уӕд сӕ дыууӕйы дӕр сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут: чызджы, сахары уӕвгӕйӕ, фӕдис, зӕгъгӕ, кӕй нӕ ныхъхъӕр кодта, уый тыххӕй, нӕлгоймаджы та, кӕйдӕр усаджы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!