2 Кӕд ӕмӕ фосы хицау дард цӕры кӕнӕ, кӕй сты, уый нӕ зоныс, уӕд та уал сӕ, цалынмӕ сӕ хицау фӕзына, уӕдмӕ дӕ хӕдзармӕ бакӕн.
Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.
Де ’фсымӕры дзӕгъӕл стур кӕнӕ лыстӕг фосыл куы бамбӕлай, уӕд ӕй уым ма ныууадз — йӕ хицауыл ӕй сӕмбӕлын кӕн.
Афтӕ-иу бакӕн искӕй хӕрӕг, искӕй дарӕс, стӕй искӕй дзаумайӕ цыдӕриддӕр ссарай, уыдонӕн дӕр. Сӕ рӕзты макуы ацу!
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.