14 афтӕмӕй йыл уый фӕстӕ цъыфкалӕн куы кӕнай ӕмӕ йӕ адӕмы цӕсты куы ӕфтауай, ракуырдтон ӕй, йемӕ ӕмуат ӕрцыдтӕн, фӕлӕ чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ,
Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
[Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]
Ус куы ӕрхӕссай, йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуай, ӕмӕ дын стӕй ӕнӕуынон куы суа,
уӕд чызджы фыд ӕмӕ мад, йе ’фсарм йӕхимӕ кӕй уыд, уый ӕвдисӕнӕн сахары хистӕртӕм сахары кулдуары размӕ чызджы пысултӕ рахӕссӕнт.
Сӕдӕ ӕвзист шекелы хъуамӕ бафида йӕ каисӕн, израилаг чызгӕн йе ’взӕры кой кӕй айхъуысын кодта, уый тыххӕй. Сылгоймагимӕ та цӕргӕйӕ баззайдзӕн, йемӕ ахицӕн уӕвыны бар ын нӕй.
Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.