Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 22:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Де ’фсымӕры дзӕгъӕл стур кӕнӕ лыстӕг фосыл куы бамбӕлай, уӕд ӕй уым ма ныууадз — йӕ хицауыл ӕй сӕмбӕлын кӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 22:1
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Марынмӕ кӕй фӕкӕнынц, уыдоны фервӕзын кӕн, сӕфты къахыл чи лӕууы, уыдонӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.


Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.


Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.


Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.


Лӕмӕгъ фосмӕ нӕ зылдыстут, рынчынты нӕ дзӕбӕх кодтат, сӕ хъӕдгӕмттӕ-иу сын нӕ бабастат, дзӕгъӕл фосы-иу не ’рбаздӕхтат фӕстӕмӕ, сӕфты-иу нӕ бацагуырдтат, семӕ уыдыстут карз ӕмӕ ӕгъатыр.


Исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса ӕмӕ бӕстӕйы адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной, куынӕ йӕ амарой,


искӕй сӕфт дзаума чи ссара ӕмӕ йыл чи нӕ басӕтта — адӕм тӕригъӕды цӕй тыххӕй бацӕуынц, уыцы хъуыддӕгтӕй исты чи сараза ӕмӕ ма ноджы, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, мӕнг сомы чи ракӕна, —


«Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут;


фӕлӕ ацӕут Израилы адӕмы дзӕгъӕл фыстӕм.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».


Уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт». Хуыцауы мӕт, мыййаг, галтыл у?


Кӕд ӕмӕ фосы хицау дард цӕры кӕнӕ, кӕй сты, уый нӕ зоныс, уӕд та уал сӕ, цалынмӕ сӕ хицау фӕзына, уӕдмӕ дӕ хӕдзармӕ бакӕн.


Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ Фыййау ӕмӕ уӕ Мӕтгӕнӕгмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ