9 Афтӕмӕй уӕхи ӕнаххосы тугныккалды азымӕй бахиздзыстут, Дунедарӕгӕн фӕндон цы у, уый куы кӕнат, уӕд.
Паддзах ын загъта: «Гъемӕ йӕхи дзыхӕй цы куры, уый йын бакӕн. Амар ӕй ӕмӕ йӕ баныгӕн. Ӕмӕ дзы афтӕмӕй райс, Йоав кӕй ныккалдта, уыцы ӕнаххос туг, цӕмӕй уыцы туджы азар мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл ӕфтыд ма фӕуа.
Ма йӕ бахӕр ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон уыдзысты.
Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.