Фӕлхатгонд ӕгъдау 21:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст5 Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут.
Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.