4 Акӕнӕнт дыгӕрдыджы, хуымгонд дӕр чи никуыма уыд ӕмӕ кӕй никуы байтыдӕуыд, ахӕм дӕлвӕзмӕ ӕмӕ йын уыцы ран йӕ бӕрзӕй асӕттӕнт.
Ӕз уӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом, ӕмӕ уӕ бахуым кӕндзысты ӕмӕ байтаудзысты.
Мардмӕ дзы хӕстӕгдӕр кӕцы разына, уыцы сахары хистӕртӕ равзарӕнт, кусгӕ кӕуыл нӕма кодтой ӕмӕ ӕфсондз кӕуыл нӕма уыд, ахӕм дыгӕрдыг.
Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.
Ӕрцӕттӕ кӕнут ног уӕрдон ӕмӕ, ӕфсондз чи нӕма федта, ахӕм дыууӕ дуцгӕ хъуджы, уӕрдоны сӕ баифтындзут, сӕ родты та сын скъӕты бакӕнут.