Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 21:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 21:23
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Айайы чызг Рицпа сӕхъисы гӕппӕл райста ӕмӕ йӕ къӕдзӕхыл йӕхицӕн ӕрытыдта. Хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, цалынмӕ сын сӕ мӕрдтыл арвӕй къӕвда уарын райдыдта, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацыди. Боныгон сӕм ӕввахс нӕ уагъта уӕларвон мӕргъты, ӕхсӕвыгон — хъӕддаг сырдты.


уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».


Йегуйӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд загъта: «Кулдуары ӕрбацӕуӕны сӕ дыууӕ цӕнды скӕнут ӕмӕ сӕ райсоммӕ афтӕмӕй ныууадзут».


Израилӕгтӕ сӕ авд мӕйы дӕргъы ныгӕндзысты, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кӕной.


Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй.


Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се ’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм».


Уыди майрӕмбон, ӕмӕ иудейӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕрдтӕ сабаты дзуарыл ауыгъдӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ уыцы сабаты стыр бӕрӕгбон уыди. Уымӕ гӕсгӕ Пилатӕй куырдтой мӕрдтӕн сӕ зӕнгтӕ асӕттын ӕмӕ сӕ дзуарӕй ӕрисын.


Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.


Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы ’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.


Мӕнмӕ сымах тыххӕй смӕсты ис Дунедарӕг ӕмӕ басомы кодта, ӕз Иорданы фаллаг фарсмӕ кӕй нӕ бахиздзынӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй хай кӕны, уыцы диссаджы бӕстӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн.


Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.


Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ бон нӕ баци фыдгулты ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ лидзӕг фесты знӕгтӕй. Ныр сӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фесты. Ӕлгъыстаг цы у, уый уе ’хсӕнӕй куынӕ фесафат, уӕд амӕй фӕстӕмӕ Ӕз нал уыдзынӕн уемӕ.


Гайы паддзахы ӕрцауындзын кодта бӕласыл ӕмӕ изӕрдалынгтӕм ауыгъдӕй фӕлӕууыд. Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ марды бӕласӕй ӕристой ӕмӕ йӕ сахары кулдуармӕ аппӕрстой, стӕй йыл дурты стыр цӕнд самадтой. Цӕнд абон дӕр ма лӕууы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ