22 Искӕмӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй марыны тӕрхон куы ӕмбӕла ӕмӕ йӕ куы ’рцауындзат,
Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».
Айайы чызг Рицпа сӕхъисы гӕппӕл райста ӕмӕ йӕ къӕдзӕхыл йӕхицӕн ӕрытыдта. Хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, цалынмӕ сын сӕ мӕрдтыл арвӕй къӕвда уарын райдыдта, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацыди. Боныгон сӕм ӕввахс нӕ уагъта уӕларвон мӕргъты, ӕхсӕвыгон — хъӕддаг сырдты.
уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».
Гивонӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Дунедарӕджы раз, кувӕн къуыбырыл, ӕрцауыгътой. Авдӕй дӕр амардысты иумӕ, хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхорӕфснайӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд.
Давид йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта, ӕмӕ сӕ амардтой, стӕй сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ракодтой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ афтӕмӕй Хевроны цады цур ӕрцауыгътой. Йевосфеты сӕр та райстой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Хевроны, Авнеры зӕппадзы.
Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се ’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм».
Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Аххосджын у, хъуамӕ мард ӕрцӕуа».
Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат. Цы хъуыды уӕм ис?» Се ’ппӕт дӕр Ӕй банымадтой аххосджыныл, марыны тӕрхон рахӕссыны аккаг у, зӕгъгӕ.
Ӕмӕ, Сӕргӕхц, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уыцы ран дзуарыл байтыгътой Йесо ӕмӕ фыдгӕнджыты: иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы — Йӕ галиуфарс.
Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, се ’Гъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фӕрстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ арынц.
Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».
Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.
Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг, амарын кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарын цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕмӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.
цӕмӕй тугисӕг йӕ тӕвдӕй туджджыны фӕсте ма асура, фӕндаг дард кӕй у, уый аххосӕй йӕ ма баййафа ӕмӕ йӕ ма амара: маринаг нӕу — ӕнӕбары амардта, знаг ын чи нӕ уыди, уыцы адӕймаджы.
чызг ницы аххосджын у: йӕ хабар у, исчи ӕваст искӕуыл йӕхи куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ӕрбамара, уый хуызӕн.
Уыйадыл Йешуа паддзӕхты ныммардта ӕмӕ сӕ фондз бӕласыл ӕрцауындзын кодта. Ауыгъдӕй фӕлӕууыдысты изӕрмӕ.
Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ мӕрдты бӕлӕстӕй ӕристой, цы лӕгӕты ӕмбӕхстысты, уырдӕм сӕ баппӕрстой ӕмӕ йын йӕ бацӕуӕныл егъау дуртӕ бафӕлдӕхтой. Дуртӕ абон дӕр ма уым лӕууынц.
Гайы паддзахы ӕрцауындзын кодта бӕласыл ӕмӕ изӕрдалынгтӕм ауыгъдӕй фӕлӕууыд. Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ марды бӕласӕй ӕристой ӕмӕ йӕ сахары кулдуармӕ аппӕрстой, стӕй йыл дурты стыр цӕнд самадтой. Цӕнд абон дӕр ма лӕууы.
Хорз нӕ бакодтай. Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй: уӕ паддзахы, Дунедарӕджы байсӕрсты, кӕй нӕ бахъахъхъӕдтат, уый тыххӕй мӕлӕты аккаг стут. Фен-ма, цы фесты паддзахы арц ӕмӕ доны дурын йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй».