20 ӕмӕ сын зӕгъӕнт: „Мӕнӕ ай нӕ фырт у, фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон, гуыбындзӕл ӕмӕ къупри“.
Авессаломы мард ӕристой, хъӕды йӕ уыцы ран иу арф дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл дуртӕ бӕрзонд сцӕнд кодтой. Израилӕгтӕй та алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлыгъди.
Йӕ фыды хӕдзар чи сафтид кӕны ӕмӕ йӕ ныййарӕг мады чи суры, уыцы лӕппу — ӕгад ӕмӕ фидиссаг.
Сӕн — хынджылӕггӕнаг, арахъхъ — нӕрӕмон, чи сыл фӕцалх ис, уый ӕдылы у.
Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.
уӕд уыцы мад ӕмӕ фыд бавдӕлӕнт, сӕ сахары хистӕрты размӕ йӕ бакӕнӕнт
Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.