17 Кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу у цоты хистӕр, ӕмӕ бынтӕй дыууӕ хайы раттын уымӕн ӕмбӕлы. Хистӕры хай уымӕ хауы.
Рувим, ды мӕ хистӕр зӕнӕг, мӕ тых дӕ, мӕ нӕлгоймаджы хъаруйы фыццаг ӕнтыст ды дӕ, дӕ кад, дӕ хъомысӕн ӕмбал нӕй.
Цӕугӕдоны фаллаг фарс Илийа загъта Елисейӕн: «Исты мӕ ракур, цалынмӕ мӕ Дунедарӕг дӕ цурӕй нӕма айста, уӕдмӕ». Елисей йын загъта: «Цы уд дӕм ис, уымӕй мын дыууӕ ахӕмы ратт!»
Сӕ фыд сын бирӕ лӕвӕрттӕ ракодта: ӕвзистӕй зӕгъай, сыгъзӕринӕй, алы зынаргъ дзаумайӕ. Рауӕлдай сын кодта Иудейы фидаргонд сахартӕй дӕр, фӕлӕ йӕ паддзахы бадӕн радта Иорамӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди йӕ фыццаг зӕнӕг.
Сӕ гуымирытӕн сын лӕггад кӕнын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй цъысымы бахаудтой.
Кӕстӕр йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, дӕ исбонӕй мӕм цы хауы, уый мын ратт“. Ӕмӕ фыд йӕ мулк байуӕрста се ’хсӕн.
уӕд, йӕ фырттӕн йӕ бынтӕ уаргӕйӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхъулон кӕнӕд ӕмӕ, кӕй уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхистӕр кӕнӕд.
Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан: