Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уагдартӕ та зӕгъӕнт хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи хӕдзар сарӕзта, фӕлӕ дзы нӕма ӕрцардис, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи куы ӕрцӕра.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:5
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм.


Ӕрбалӕууыдысты Моисеймӕ ӕфсады хицӕуттӕ, минтӕ ӕмӕ сӕдӕты сӕргълӕуджытӕ.


Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


Кӕд уӕ исчи сӕндон скодта, фӕлӕ дзы тыллӕг нӕма ӕртыдта, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын ӕндӕр исчи йӕ сӕнӕфсир куы ӕртона.


Ацы дӕс цыхты та ахӕсс миныхицауӕн. Фен, де ’фсымӕртӕ куыд сты, цы сты, уый ӕмӕ, ӕнӕфыдбылыз кӕй сты, уый нысанӕн сӕ исты ӕрбахӕсс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ