Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Акалут ӕрмӕстдӕр, йӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн нӕ бӕззы, уыцы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ спайда кӕнут сахары ныхмӕ, цалынмӕ басӕтта, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:20
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сымах сын ныппырх кӕндзыстут сӕ фидӕрттӕ, сӕ сахарты хуыздӕртӕ, рафӕлдахдзыстут сын сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ, ныццауаздзыстут сын сӕ дӕттӕ, сӕ бӕзнаг хуымтӕ сын дурты бын фӕкӕндзыстут».


Йерусалимы скӕнын кодта диссаджы дӕсны арӕзт ӕхсӕнгӕрзтӕ дӕр, мӕсгуытӕй ӕмӕ сахары систы тигътӕй фӕттӕ ӕмӕ стыр дуртӕ ӕхсынӕн. Йӕ кой дардыл айхъуысти, уымӕн ӕмӕ бирӕ ӕххуыс райста, цалынмӕ йӕ хъомыс нӕ сырӕзти, уӕдмӕ.


Иу сахары царди чысыл адӕм. Иу тыхджын паддзах сахармӕ ’рбабырста ӕмӕ йӕ алыварс ӕрхъула кодта.


Уымӕ гӕсгӕ ма дын Ӕз, Дунедарӕг, ноджыдӕр зӕгъын: Ассирийы паддзах нӕ бафтдзӕни ацы сахармӕ, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм бацӕудзӕни кард ӕмӕ уартимӕ, нӕ йын самайдзӕн йӕ алыварс сыджытбыру.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы:


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.


Фараон йе стыр хъомыс ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмимӕ йӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзӕн, бирӕты ныццӕгъдыны охыл ууыл ӕрхъула кӕнынӕн сыджытбыру куы самадӕуа ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг куы сарӕзтӕуа, уӕд.


Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.


Сахар уын уайтагъд нӕ бакуымдта басӕттын ӕмӕ йӕ алыварс дӕргъвӕтин рӕстӕг бонасадӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд ма бахъыгдарут дыргъбӕлӕстӕ, фӕрӕт сӕм ма сисут. Быдыры бӕлас адӕймаг у, мыййаг, ӕмӕ сымахӕй фидармӕ балидздзӕн?


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕсты адӕймаджы мардыл куы бамбӕлат быдыры ӕмӕ йӕ чи амардта, уый бӕрӕг куынӕ уа,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ