Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Цӕмӕй, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл сымах дӕр ма сахуыр кӕной ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕды ма бацӕуат.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:18
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ. Израилы паддзах Ахавау нывондхӕссӕн скодта Баалӕн, сарӕзта Ашерӕйы цӕджындз. Стъалытӕм дӕр куывта ӕмӕ сын хаста нывӕндтӕ.


Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд.


Уыцы адӕмтӕ хъуамӕ ма цӕрой сымах зӕххыл, науӕд уӕ фӕтӕригъӕдджын кӕндзысты — Мӕ ныхмӕ уӕ сардаудзысты. Уыдоны хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, сымах цъысымы бахаудзыстут».


Цы зӕхмӕ бацӕуат, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, науӕд къӕппӕджы бахаудзыстут.


Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын.


Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


Уыцы пехуымпар Мӕ номӕй цы дзура, уыдӕттӕм чи нӕ байхъуса, уымӕн Ӕз Мӕхӕдӕг тӕрхон кӕндзынӕн.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн куыд загъта, афтӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут ӕмӕ ныццӕгъдут хеттӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, периззӕгты, хиввӕгты, евусӕгты.


Сахар уын уайтагъд нӕ бакуымдта басӕттын ӕмӕ йӕ алыварс дӕргъвӕтин рӕстӕг бонасадӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд ма бахъыгдарут дыргъбӕлӕстӕ, фӕрӕт сӕм ма сисут. Быдыры бӕлас адӕймаг у, мыййаг, ӕмӕ сымахӕй фидармӕ балидздзӕн?


Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.


Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда.


ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]


уӕд ӕй зонут: Дунедарӕг уын, уӕ Хуыцау, ацы адӕмты нал фӕсурдзӕни уӕ цурӕй, фӕлӕ уын басгуыхдзысты хурхыл ӕвӕрд бӕндӕн ӕмӕ хыз, уӕ фӕрсчытӕ нӕмӕн уис ӕмӕ уӕ цӕстыты ныхсӕг сындз, цалынмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы алӕмӕты зӕхх балӕвар кодта, уымӕй тард не ’рцӕуат, уӕдмӕ.


Ныр Ӕз, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны уӕ разӕй нал фӕсурдзынӕн. Уыдон суыдзысты уӕ къӕппӕджытӕ, сӕ хуыцӕуттӕ та — уӕ ахсӕн хызтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ