Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Кӕд уӕ фӕндоныл сразы уой ӕмӕ уын сахары дуӕрттӕ бакӕной, уӕд уын, цыдӕриддӕр дзы цӕрджытӕ ис, уыдон сегас дӕр хъалон фиддзысты ӕмӕ уӕ цагъартӕ уыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 20:11
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тиры паддзах Хирам цӕрӕнбонты лымӕнӕй фӕцарди Давидимӕ. Ӕмӕ Соломон йӕ фыды фӕстӕ паддзах сси, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм ӕрбарвыста йӕ минӕвӕрттӕ.


Уый йын загъта: «Дӕ къух сӕм ма сис! Ау, дӕ кард ӕмӕ дӕ фаты фӕрцы сӕ райстай уацары, куыд сӕ хъуамӕ ныццӕгъдай? Фӕлтау сын хӕрд ӕмӕ нозт ӕрӕвӕр сӕ разы, ӕмӕ куы бафсӕдой, уӕд сӕ арвит сӕ паддзахмӕ».


Дунедарӕг дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй, бахиздзӕн дын дӕ уд.


Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.


Басӕттынмӕ цы сахар хъават, уыимӕ уал-иу раздӕр сабырӕй дзурут, цӕмӕй ӕнӕ схӕцгӕйӕ уӕхи бауа.


Кӕд ӕмӕ сахар сабырӕй не сразы уа ӕмӕ уемӕ схӕца, уӕд ыл-иу ӕрхъула кӕнут.


Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕ ханаанӕгты Гезерӕй нӕ фӕсырдтой, ӕмӕ абон дӕр се ’хсӕн цӕрынц, ӕрмӕст цагъайрӕгтӕ систы.


Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.


Хиввӕгтӕ Йешуайӕн дзуапп радтой: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм». Йешуа сӕ бафарста: «Чи стут ӕмӕ ардӕм кӕцӕй ӕрбафтыдыстут?»


Хиввӕгтӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрбацыдысты дӕ цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кой, Мысыры цыдӕриддӕр бакодта,


Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ