10 Басӕттынмӕ цы сахар хъават, уыимӕ уал-иу раздӕр сабырӕй дзурут, цӕмӕй ӕнӕ схӕцгӕйӕ уӕхи бауа.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.
Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.
Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй.
Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.
Кедемоты ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ, Хешбоны паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:
Кӕд уӕ фӕндоныл сразы уой ӕмӕ уын сахары дуӕрттӕ бакӕной, уӕд уын, цыдӕриддӕр дзы цӕрджытӕ ис, уыдон сегас дӕр хъалон фиддзысты ӕмӕ уӕ цагъартӕ уыдзысты.
Уагдартӕ адӕмимӕ сӕ ныхас куы фӕуой, уӕд равзарын хъӕуы хӕстон разамонджытӕ, ӕфсады сӕргъы чи слӕууа, ахӕмтӕ.
Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм фарстимӕ: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй? Мӕ зӕхмӕ мын хӕстмӕ цӕмӕн цӕуыс?»
Уый фӕстӕ Израилы дзыллӕ, Бениамины фӕдонтӕй Риммоны къӕдзӕхы цур чи бамбӕхсти, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, бафидауӕм, зӕгъгӕ.