Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дунедарӕг мын загъта: „Моавӕгтӕм ма бабырсут, ма схӕцут семӕ, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй ницы схай кӕндзынӕн — Ар Ӕз Лоты байзӕддӕгтӕн радтон“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:9
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ ныр фӕзындысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ, кӕддӕр израилӕгтӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ Ды кӕй зӕххытӕм бацӕуын нӕ бауагътай, ӕмӕ сӕ иувӕрсты кӕмӕн ацыдысты, стӕй кӕй нӕ ныццагътой, уыдон.


Фӕндагыл фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны сӕ хъару, Сионы хохыл Хуыцауы раз ӕрлӕууынц.


Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!


ӕмӕ кӕмтты фӕхстӕ сӕхи айтыгътой Ары онг ӕмӕ Моавы арӕныл банцой кодтой».


Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты.


Ӕмӕ загътой моавӕгтӕ Мидианы хистӕртӕн: «Ацы бардз, гал быдыры кӕрдӕг куыд асӕрфы, афтӕ асӕрфдзӕн алцы нӕ алывӕрсты». Балак та, Ципоры фырт, уӕд Моавы паддзах уыд.


Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры цӕрджытӕ, ӕмӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ дӕр нын ахӕм бар радтой, цӕмӕй Иорданыл, Дунедарӕг нын цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм ахизӕм“.


семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.


«Афтӕ зӕгъы Йеффай: Израил моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты зӕххытӕ никуы байста.


уӕд Едомы паддзахмӕ минӕвӕрттӕ барвыстой, дӕ зӕххыл нын ацӕуыны бар ратт, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Едомы паддзах нӕ бауагъта. Уӕд хатӕг барвыстой Моавы паддзахмӕ, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ бауагъта. Израилӕгты бахъуыди Кадешы баззайын.


Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ