6 Цы хойраг хӕрат ӕмӕ цы дон нуазат, уый аргъ сын ӕвзистӕй фидут.
Израилӕгтӕ загътой: «Над фӕндагыл ацӕудзыстӕм. Уӕ донӕй уын куы бануазӕм, нӕ фосӕн дзы куы бадарӕм, уӕд уын бафиддзыстӕм. Ницы нӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр нӕ ацӕуын бауадзут!»
Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.
Йӕ фыдӕх фыдӕхӕй макӕмӕн фидут. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.
семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.