Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:5
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ Исав (ома Едом) ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.


Мӕнӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сеиры хӕхбӕстӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.


Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты.


Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.


Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.


Хуыцау дзы Авраамӕн уылынджы йас дӕр не схай кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, „йӕхи ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты кӕй бауыдзӕн“, уымӕй, кӕд ӕмӕ Авраамӕн уӕд зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр.


Дунедарӕг Исавы байзӕддӕгтӕн дӕр афтӕ бакодта, сӕ цӕстыты раз сын Сеиры цӕрджыты, хорӕгты, куы скуынӕг кодта, уӕд. Израилӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ абоны онг сӕ бынаты цӕрынц.


Цы хойраг хӕрат ӕмӕ цы дон нуазат, уый аргъ сын ӕвзистӕй фидут.


Иууылбӕрзонд адӕмтӕн хӕйттӕ куы лӕвӕрдта ӕмӕ иу адӕмы иннӕмӕй куы хицӕн кодта, уӕд сын сӕ арӕнтӕ Хуыцауы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ снысан кодта.


Исаакӕн радтон Йаковы ӕмӕ Исавы. Исавӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радтон Сеиры хох, Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та Мысырмӕ ацыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ