Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Ӕрмӕст аммонӕгты зӕхмӕ хӕстӕг нӕ бацыдыстут сымах — нӕдӕр, Йавочы был цы сахартӕ ис, уыдонмӕ, нӕдӕр хӕхбӕсты сахартӕм, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау нын куыд загъта, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:37
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Йаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыууӕ усы, сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавочы фаллаг фарсмӕ бахызти.


Ныддӕрӕн ӕй кодта Израил ӕмӕ йын йӕ зӕхх байста Арнонӕй Йавокмӕ, аммонӕгты онг, уымӕн ӕмӕ аммонӕгты арӕн фидар уыд.


Аммонӕгтӕм баввахс стут; семӕ быцӕуыл ма ныллӕуут ӕмӕ хӕст ма ракъахут — уыдоны зӕххӕй Ӕз сымахӕн ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоты байзӕддӕгтӕн схай кодтон“.


семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.


Дунедарӕг мын загъта: „Моавӕгтӕм ма бабырсут, ма схӕцут семӕ, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй ницы схай кӕндзынӕн — Ар Ӕз Лоты байзӕддӕгтӕн радтон“.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн схай кодтон зӕххытӕ Галаадӕй Арноны дон (Арноныл цӕуы сӕ арӕн) ӕмӕ Йавочы доны онг (уыцы доны фале та аммонӕгты зӕхх ис).


Амораг паддзах Сигон царди Хешбоны. Йӕ паддзахады зӕххытӕ Арноны донвӕдӕй, Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕххӕссыдысты Йавочы тӕрфы — аммонӕгты арӕны — онг, ахстой Галаады хуссайраг ӕмбис,


«Афтӕ зӕгъы Йеффай: Израил моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты зӕххытӕ никуы байста.


Аморӕгты зӕххытӕ Арнонӕй Йавочы онг, стӕй ӕдзӕрӕг быдырӕй Иорданы онг сӕхи бакодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ