35 Цы сахартӕ басастам, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр сӕ фос ӕмӕ ӕндӕр ӕфтиаг ӕрбатӕлӕт кодтам нӕхицӕн.
Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.
Фос ӕмӕ дзы мулкӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон та райстам ӕфтиагӕн.
Йерихонӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн цы ми бакодтай, Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр уыцы ми бакӕн. Ӕрмӕст-иу ацы хатт уе ’фтиаг ӕд фос уӕхи фӕуӕд. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ бабад».
Израилӕгтӕ сахарӕн ӕрмӕст йӕ фос ӕмӕ исбон бакодтой сӕхи, Йешуайӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.