Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Йӕ сахартӕ йын иууылдӕр басастам, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам ӕмӕ дзы цӕрӕг нал ныууагътам; нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — иууылдӕр сӕ ныццагътам.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:34
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам, Хешбоны паддзах Сигонӕн куыд бакодтам, афтӕ; сахартӕн сӕ цӕрджыты ныццагътам — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.


Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.


Тӕккӕ уыцы бон Йешуа бацахста Македа ӕмӕ йын йӕ адӕмы ӕд паддзах кардӕй ныццагъта. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон Дунедарӕджы номыл бабын кодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Македайы паддзахӕн дӕр.


Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Израилӕгтӕ уыцы сахартӕн сӕ исбон ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр рассывтой, сӕ адӕмы та сын се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радтой.


Бӕстӕ чи басгӕрста, уыцы дыууӕ лӕгӕн Йешуа загъта: «Хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ фӕцӕут ӕмӕ, ард куыд бахордтат, афтӕ йӕ сахарӕй йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ ракӕнут».


Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.


Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ