Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Нӕ къухмӕ йӕ радта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтам, йӕ адӕмы йын се ’ппӕты дӕр ныццагътам.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:33
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.


Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.


Ныддӕрӕн ӕй кодта Израил ӕмӕ йын йӕ зӕхх байста Арнонӕй Йавокмӕ, аммонӕгты онг, уымӕн ӕмӕ аммонӕгты арӕн фидар уыд.


Сигон йе ’ппӕт адӕмимӕ нӕ ныхмӕ ралӕууыд Йахацы.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уыцы сахарты удӕгасӕй макӕй ныууадзут.


Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фестут, нӕдӕр — сӕн ӕмӕ бӕгӕныйы, цӕмӕй бамбарат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау!


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.


Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм.


Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ