32 Сигон йе ’ппӕт адӕмимӕ нӕ ныхмӕ ралӕууыд Йахацы.
Ды сын сӕ бар бакодтай паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмты, байуӕрстай сын зӕхх, ӕмӕ бацахстой Сигоны, Хешбоны паддзахы, зӕххытӕ, стӕй Башаны паддзах Огы зӕххытӕ.
Дунедарӕг дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй, бахиздзӕн дын дӕ уд.
ракодта уырдыгӕй Израилы адӕмы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
Дунедарӕг мын загъта: „Кӕсыс, Сигоны уал дын дӕттын ӕд бӕстӕ. Йӕ зӕхх ын дӕхи бакӕн“.
Нӕ къухмӕ йӕ радта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтам, йӕ адӕмы йын се ’ппӕты дӕр ныццагътам.
Фездӕхтыстӕм ӕмӕ Башанмӕ фӕндагыл ацыдыстӕм; Ог, Башаны паддзах, йе ’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ ныхмӕ хӕстмӕ ралӕууыд Едреийы.
Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.