Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры цӕрджытӕ, ӕмӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ дӕр нын ахӕм бар радтой, цӕмӕй Иорданыл, Дунедарӕг нын цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм ахизӕм“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:29
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хистӕр чызг ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Моав. Уый у моавӕгты фыдӕл.


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.


Едомӕгтӕ загътой: «Нӕ зӕххыл ацӕуын уӕ нӕ бауадздзыстӕм! Куы бафӕлварат, уӕд кӕрдтимӕ уӕ размӕ ралӕудзыстӕм!»


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Дунедарӕг мын загъта: „Моавӕгтӕм ма бабырсут, ма схӕцут семӕ, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй ницы схай кӕндзынӕн — Ар Ӕз Лоты байзӕддӕгтӕн радтон“.


Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе ’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах.


Дӕ уӕзбарӕнӕн хъуамӕ уа раст ӕмӕ бӕлвырд уӕз, дӕ барӕн мигӕнӕнӕн — раст ӕмӕ бӕлвырд бӕрцуат. Уӕд бирӕ фӕцӕрдзынӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл:


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Мӕнмӕ сымах тыххӕй смӕсты ис Дунедарӕг ӕмӕ басомы кодта, ӕз Иорданы фаллаг фарсмӕ кӕй нӕ бахиздзынӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй хай кӕны, уыцы диссаджы бӕстӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн.


Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Уӕдӕ зонут, раст адӕм кӕй стут, уый тыххӕй уын нӕ дӕтты Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы алӕмӕты бӕстӕ, уымӕн ӕмӕ сымах хивӕнд стут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ