Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:25
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.


Ӕмӕ айхъуысти Давиды ном ӕппӕт бӕстӕтыл, Дунедарӕджы фӕндонӕй дзы стъӕлфын байдыдтой ӕппӕт адӕмтӕ иууылдӕр.


ныккалдтой-иу ӕнаххос туг — сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты туг. Нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи кодтой тугӕй.


Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты.


Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.


Израилӕгтӕ уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ моавӕгтӕ иууылдӕр тасы бацыдысты.


Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы.


Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты.


Ӕмӕ Адони-Цедекӕн йӕ зӕрдӕйы стыр тас бацыд, уымӕн ӕмӕ Гивон уыди паддзахы сахары хуызӕн стыр, суанг Гайӕ дӕр стырдӕр, йӕ нӕлгоймӕгтӕ та иууылдӕр уыдысты хӕствӕлтӕрд.


Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ