23 Газӕйы алфамбылай цӕрӕг аввайӕгты та, Кафторӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕм ныццагътой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты.
патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ.
сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.
Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.
Филистимӕгты дӕр ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Газӕйы онг. Гӕныстон сын фестын кодта сӕ бӕстӕ, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй райдай ӕмӕ фидар сахарты онг.
стӕй, се ’хсӕн ӕцӕгӕлонӕй чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн; Уцы бӕстӕйы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; филистимаг зӕххы ӕппӕт паддзӕхтӕ — Ашкелон, Газӕ ӕмӕ Екрон, стӕй, Ашдоды цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн;
Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.
Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.
Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн, Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй, быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.
Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн.
Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.
Йешуа сӕ ныццагъта Кадеш-Барнеайӕ Газӕйы онг ӕмӕ Гошены бӕстӕйӕ Гивоны онг.
Израилы зӕххыл Анакы байзӕддӕгтӕй иу дӕр нал баззади. Сӕрӕгасӕй ма аирвӕзтысты ӕрмӕстдӕр Газӕ, Гат ӕмӕ Ашдоды сахарты.
Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй.
Ашдод йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; Газӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ суанг Мысыры арӕныл тӕрфы онг ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы онг йӕ былгӕронимӕ.
Иудӕ бацахста Газӕ ӕмӕ, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон, стӕй Ашкелон, Екрон ӕмӕ сӕ алфамбылай зӕххытӕ.