20 Уыцы зӕхх дӕр рефаимты зӕххыл нымад у — раздӕр дзы рефаимтӕ цардысты, аммонӕгтӕ сӕ замзумӕгтӕ хонынц.
Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,
Уыдон дӕр Анакы байзӕддӕгтау рефаимтыл нымад сты, моавӕгтӕ та сӕ емимӕгтӕ хонынц.
Анакы байзӕддӕгтау ӕнӕнымӕц сты уыцы адӕм, асӕй — бӕрзонд; Дунедарӕг сӕ ныццагъта — аммонӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты.
Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.