15 Дунедарӕг сӕ Йӕ фыдӕхы хай бакодта, цагъта сӕ, цалынмӕ бынтон скуынӕг сты, уӕдмӕ.
Наутӕ-иу арвы хъӕбысмӕ фехстой сӕхи, стӕй та-иу фурды ӕнӕбын арфы фестадысты; наудзогтӕн-иу сӕ уд атади фыр тӕссӕй.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у, Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст.
Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.
Фехъусын сын кӕн: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уын, цы агуырдтат, уый бакӕндзынӕн!
Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.
Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.
Хӕстмӕ-иу куы рацыдысты, уӕд-иу Дунедарӕг алкӕддӕр уыди сӕ ныхмӕ, рагацау сын куыд дзырдта ӕмӕ куыд расомы кодта, афтӕ. Израилӕгтӕ цъысымы бахаудысты.
Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта.
Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта.
Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди.
Афтӕ саст ӕрцыдысты филистимӕгтӕ ӕмӕ Израилы арӕнтӕм нал бырстой. Дунедарӕг сӕ суанг Самуелы амӕлӕты онг уӕлӕмӕ скӕсын нал суагъта.